3 Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!
Дунедарӕг уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг у, тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл аразы,
Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх куы сӕнкъуыса ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,
Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!»
Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
Моисей бафарста: «Израилӕгтӕм куы фӕцӕуон, уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ сымахмӕ рарвыста, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ уыдон Дӕ номӕй куы бафӕрсой, уӕд сын куыд хъуамӕ зӕгъон?»
Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“».
Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.
Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау, разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ. Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ Йӕ хъомысӕй ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.
Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый: