2 Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн. Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах. Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, фыдбылызӕй мӕ бахызтай.
Цардӕгас у Дунедарӕг, арфӕгонд у мӕ ныфсы къӕдзӕх! Кадджын уӕд Хуыцау — мӕ ирвӕзынгӕнӕг!
Ды паддзахӕн стыр уӕлахизтӕ дӕттыс ӕмӕ мыггагмӕ аудыс Де ’взӕрст Давидыл ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл».
Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау!
«Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕумӕ гӕсгӕ, Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды уыдзынӕ?
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?
Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
Давиды псалом. Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: «Сбад мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн».
Цыфӕнды мулкӕй стырдӕр цин мӕнӕн — Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.
Ды ӕрцахуыр кодтай сӕрыстырты. Ды ралгъыстай, Дӕ фӕдзӕхстытыл йӕ къух чи ауыгъта, уыдоны.
Мӕты бацыд мӕ уд, сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Раст цыма зӕхх афастӕуыд ӕмӕ йӕ ныммур чындӕуыд, уыйау згъӕлынц не стджытӕ мӕрдтыбӕсты коммӕ».
Алелуйа! Ӕппӕл, мӕ уд, Дунедарӕгӕй!
Фӕфидар мын кӕны мӕ уд, раст фӕндагыл мӕ аразы Йӕ номы сӕраппонд.
Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй ӕдзӕрӕг быдыр нынкъуысыд, сӕнкъуысти ӕдзӕрӕг быдыр Кадеш.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ! Зӕгъ мӕ удӕн: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»
Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.
Ды зоныс, фидистӕ мын куыд кӕнынц, куыд мӕ ӕгад кӕнынц, аллайаг куыд фӕдӕн, уый! Мӕ фыдгултӕ иууылдӕр Дӕ разы сты.
Дунедарӕг — хӕрзаудӕг, Йӕ хорзӕх — ӕнусон, Йӕ иузӕрдиондзинад — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.
Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.
Ӕмӕ-иу уӕд ды фараонӕн зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр зӕнӕг.
Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!
Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Къуыбыртыл, фӕлывдӕй уӕлдай, ницы ис, хӕхтыл ӕрмӕст — хъӕлӕбагӕнӕг ӕмбырдтӕ. Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕндзӕн Израилы!
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы, Дӕ байсӕрст паддзахы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыдгӕнджытӕн сӕ балхоны ныммардтай, йӕ хӕдзар ын йӕ бындуры онг ныппырх кодтай.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
ӕмӕ Йын Йӕ адӕмӕн фехъусын кӕнай, кӕй фервӕздзысты ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты,
мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,
Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та Кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейӕгтӕй цӕуы.
цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.
Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».
Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта — адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.
Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.
ӕмӕ Хуыцауы кадӕн алкӕй ӕвзаг дӕр расида, Йесо Чырысти — Бардарӕг, зӕгъгӕ.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.
Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.
ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!
Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!
Уӕ, Кишоны дон знӕгты куы фӕласы, уӕ рагон дон, цӕугӕдон Кишон! О мӕ уд, знӕгты хъару басӕтт!