Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 15:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 15:11
51 Iomraidhean Croise  

Стыр дӕ Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Нӕхи хъусӕй куыд фехъуыстам, афтӕмӕй Ды дӕ, ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау!


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Иудадзыг Дӕ лӕггадгӕнджытыл, зӕрдиагӕй Дын чи кусы, уыдоныл ӕнувыд дӕ. Хъахъхъӕныс, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый ӕмӕ сыл аудыс ӕдзухдӕр.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у, ӕппӕлыны аккаг у Уый, ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.


Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр.


ӕмӕ загъта: — О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау! Дӕ цагъартимӕ хъахъхъӕныс Дӕ фидыд ӕмӕ ӕдзухдӕр иузӕрдион дӕ, зӕрдиагӕй Ды чи лӕггад кӕны, уыдоныл.


Цы кӕныс, денджыз, кӕдӕм лидзыс? Цы кӕныс, Иордан, фӕстӕмӕ цӕмӕн раздӕхтӕ?


Фӕлӕ Дунедарӕджы зарӕг мах куыд ныззарӕм кӕйдӕр зӕххыл?


Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ царды суадон, Дӕ рухсы мах уынӕм рухс.


О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд!


Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.


Ферох сӕ сты Йӕ хъуыддӕгтӕ, Йӕхӕдӕг сын кӕй фенын кодта, Йӕ уыцы диссӕгтӕ.


Боныгон сӕ разӕй цыдис ӕврагъау, ӕхсӕвыгон — арты рухсау.


Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?


Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.


Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».


Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.


Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах.


«Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый.


Аарон Мысыры дӕттӕм февзыста, галхӕфсытӕ сурмӕ рабырыдысты ӕмӕ Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕрӕмбӕрзтой.


Ацы хатт дӕ ноджы тынгдӕр бафхӕрдзынӕн — дӕхи дӕр, дӕ дӕлдӕрты дӕр ӕмӕ дӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, зӕххыл Мӕнӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый.


Рӕстдзинады фӕндагӕй, дам, иуварс ахизут ӕмӕ нын Израилы Уаз Хуыцауӕн Йӕ кой дӕр мауал кӕнут.


Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?


«Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут, Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.


Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.


Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.


Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.


„Дунедарӕг Хуыцау! Ды мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, фенын кодтай Де стырад ӕмӕ Дӕ хъомыс! Кӕм ис арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ахӕм хъомысджын хуыцау, Ды кӕй аразыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ саразын кӕмӕн бантыса?


Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»


Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Дунедарӕгӕй уаздӕр ничи у, никӕй ис абарӕн Демӕ. Нӕ Хуыцау у къӕдзӕх, Уый хуызӕн никуы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan