Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 15:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 15:1
27 Iomraidhean Croise  

Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын, адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.


Дунедарӕг сӕ цал хатты бахызта фыдбылызӕй! Фӕлӕ Йӕ уыдон мӕсты кодтой сӕ хиваст митӕй, сӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕгады бынатмӕ ’рхаудысты.


Ӕмӕ сын Уый дӕр уӕззау куыстӕй бадомдта сӕ зӕрдӕтӕ; фӕцудыдтой — фӕхӕцӕг сыл нӕ уыди.


Хуыцау загъта Йӕ рухс Кувӕндоны: «Цинӕй райдзынӕн Мӕ уӕлахизыл ӕмӕ Мӕ адӕмыл байуардзынӕн Шехемы зӕхх, абардзынӕн сын Суккоты дӕлвӕз дӕр.


Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.


Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын.


Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн, ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй денджызмӕ ацамон, ӕмӕ дон фӕстӕмӕ йӕ бынат ссара, йӕ быны фӕкӕна мысырӕгты — уӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ бӕхджынты дӕр».


Моисей денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ боныцъӕхтӕм дон йӕ бынат ссардта. Мысырӕгтӕ лидзгӕ-лидзын уылӕнты амӕттаг баисты — Дунедарӕг сӕ фӕдӕлдон кодта.


Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»


Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».


Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.


Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг! Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ, денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ, зӕххы алы кӕрӕтты!


Бӕхӕй, бӕхджынӕй, уӕрдонӕй, бӕхтӕрӕгӕй, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕронд лӕгӕй, сывӕллонӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй — дӕуӕй-иу сӕ ныддӕрӕн кодтон.


Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.


уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.


Уӕд ныззарыд Израил ацы зарӕг: «Йедзаг кӕн, цъай, зарут ын:


Хицӕуттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарылтыгъдӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕгад сты ӕппӕт дунейы раз.


ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan