Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хорз тохуӕрдоны, уӕрдӕттыл — фӕлтӕрдджын хӕстонтӕ — Мысыры ӕппӕт уӕрдонӕфсад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 14:7
11 Iomraidhean Croise  

Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.


Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.


О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!


Мысырӕгтӕ дӕр — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ бӕхджынтӕ — денджызы астӕуты сурыл атындзыдтой израилӕгты фӕстӕ.


Фараон сифтындзын кодта йӕ тохуӕрдон ӕмӕ фӕсидти йе ’фсадмӕ.


Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл.


Уый фӕдӕлдон кодта фараоны тохуӕрдӕттӕ, йе ’фсад, Сырх денджызы амӕттаг ын бакодта йӕ разагъды хӕстонты —


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис.


Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan