Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 13:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 13:9
38 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!


О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!


Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах.


уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.


уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ, дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.


Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.


цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.


О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Ӕрцӕуы Дунедарӕг Хуыцау — Уӕлахиздзау, хъомысджын ӕлдариуӕггӕнӕг. Йӕ хъомыс дӕр ӕмӕ Йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Йӕхи бар сты.


Сӕ иу дзурдзӕн, ӕз Дунедарӕджы дӕн, иннӕ йӕхи схондзӕн Йаковы номӕй, ӕртыккаг ма йӕ къухыл дӕр ныффысдзӕн, Дунедарӕджы дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ схондзысты Израил.


Дӕ ныв дын скодтон, Йерусалим, Мӕ армытъӕпӕнтыл. Дӕ систӕ ӕдзух лӕууынц Мӕ цӕстыты раз.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин!


О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы.


Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?


Цӕмӕй-иу уыцы цупӕлттӕм гӕсгӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууой Дунедарӕджы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, ӕххӕст сӕ кӕнат ӕмӕ уӕ ма сайой хъахбайдзинадмӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстытӕ.


Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;


Сыгъдӕг Фыст мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцауы Дзырд дӕм хӕстӕг у, дӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы рӕбын ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас:


Тынг хӕстӕг уӕм сты уыдон — уӕ дӕлӕвзаг ӕмӕ уӕ зӕрдӕйы рӕбын, ӕмӕ сӕ уӕ бон ӕххӕст кӕнын у.


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


уӕд-иу сын зӕгъут: „Мах цагъартӕ уыдыстӕм Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ нӕ Йӕ хъомысы фӕрцы ракодта Дунедарӕг Мысырӕй;


Ӕмӕ уын ӕз абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ арф бавӕрут уӕ зӕрдӕйы.


Уӕ къухыл сӕ бабӕттут нысанау, уӕ ныхыл сӕ ӕрбабӕттут.


Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».


Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan