6 авд боны дӕргъы хӕрут ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ ӕмӕ-иу ӕвдӕм бон сбӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон.
Къуырийы дӕргъы Израилы адӕм, Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон, тынг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ Дунедарӕгӕн алы бон дӕр кады зарджытӕ кодтой, Дунедарӕджы стауынӕн цы зӕлуадзӕнтӕ сарӕзтӕуыд, уыдонӕй цӕгъдгӕйӕ.
Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй.
Авд боны дӕргъы Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссут, ӕвдӕм бон та уазӕмбырд скӕнут: мацы-иу бакусут».
Ӕхсӕз боны дӕргъы хӕр донгонд дзул, ӕвдӕм бон скӕн уазӕмбырд — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, номыл бӕрӕгбон у; ницы кусӕн ис.
Куадзӕны фӕстӕ, дыккаг бон, хӕрын райдыдтой а зӕххы хойрагӕй: донгонд дзултӕ ӕмӕ хъӕбӕрхоры цӕкуытӕ.