22 Адӕмӕн боныгон мигъы цӕджындз уыди семӕ, ӕхсӕвыгон — арты цӕджындз.
Ды мигъы цӕджындзы хуызы сӕ сӕрмӕ цыдтӕ боныгон, ӕхсӕвыгон та сын судзгӕ арты цӕджындзы хуызы рухс кодтай сӕ развӕд.
уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Израилы адӕмӕн сӕ разӕй цӕуӕг Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕстӕ ӕрлӕууыд, сӕ разӕй цы мигъы цӕджындз уыд, уый сӕ фӕстӕ фӕци.
Боныгон Цатыры сӕрмӕ лӕууыди Дунедарӕджы ӕврагъ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы мидӕг сыгъди арт, ӕмӕ йӕ уыдтой ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр. Афтӕ уыд алы хатт дӕр, израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы уыдысты, уӕд.
Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.
Цы бон ӕвӕрд ӕрцыди, уыцы бон Уаз Цӕрӕн иууылдӕр мигъы аныгъуылд, изӕрӕй райсоммӕ та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.
Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.