Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 13:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 13:21
21 Iomraidhean Croise  

Ды мигъы цӕджындзы хуызы сӕ сӕрмӕ цыдтӕ боныгон, ӕхсӕвыгон та сын судзгӕ арты цӕджындзы хуызы рухс кодтай сӕ развӕд.


уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.


Се ’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи, сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.


О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, ма мӕ фӕхудинаг кӕн, науӕд фегад уыдзысты, Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон, о Израилы Хуыцау!


О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»


Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат!


Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


Боныгон-иу рӕсӕнуатӕй куы рацыдысты, уӕд та Дунедарӕджы мигъ уыди сӕ сӕрмӕ.


уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы.


Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“.


Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan