18 Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕрдтыл ӕрзилын кодта, ӕдзӕрӕг быдырыл сӕ акодта Сырх денджызы ’рдӕм. Израилӕгтӕ рӕнхъыстадӕй рацыдыстты Мысыры зӕххӕй.
Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».
Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн Дӕ рахиз къухы хъомысӕй! Ратт мын дзуапп!
Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.
Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ рӕсӕнуат скӕной Пи-Хахироты цур, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн. Баал-Цефонмӕ ӕввахс-иу денджызы был ӕрӕнцайут.
Мысырӕгтӕ — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ, йе ’ппӕт ӕфсад — абырстой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ денджызы былгӕрон, Баал-Цефонмӕ ӕввахс, Пи-Хахироты цур баййӕфтой.
Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“
Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта, цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта.
Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайӕнт, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым, сымахӕй та хӕцынхъом чидӕриддӕр у, уыдон хӕстифтонгӕй бахизӕнт фаллаг фарсмӕ, уе ’фсымӕртӕн сӕ разӕй. Баххуыс сын кӕнут,
Моисей сын куыд загъта, афтӕ Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис иннӕ израилӕгты разӕй хӕстифтонгӕй ахызтысты фаллаг фарсмӕ.
Дыууиссӕдз мины бӕрц хӕстоны Дунедарӕджы раз абырстой Йерихоны дӕлвӕзмӕ схӕцынмӕ.