Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 13:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хӕрӕджы къӕлӕу-иу баивут уӕрыккӕй. Йӕ баивын уӕ куынӕ бафӕнда, уӕд та йын йӕ бӕрзӕй асӕттут. Уӕ хистӕр фыртты сӕрмӕ дӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 13:13
7 Iomraidhean Croise  

Моисей басидт Израилы адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Алы бинонтӕ дӕр сӕ лыстӕг фосӕй равзарӕнт фыркъа кӕнӕ цӕукъа ӕмӕ акӕнут Куадзӕны кусӕрттӕ.


Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ.


«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».


Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan