11 Моисей ма ноджыдӕр загъта: «Дунедарӕг уӕ Ханааны зӕхмӕ куы бакӕна — уымӕн ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр уыцы зӕхх раттынӕй зӕрдӕ бавӕрдта, —
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой, цагъартӕ сӕ фестын кодтой.
Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:
Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».
Ацы адӕмы ӕз равзӕрын кодтон исты, ӕз сӕ ныййардтон? Мӕ хъӕбысы мын сӕ, дыджызӕ дзидзидайы куыд хӕсса, уыйау цӕмӕн хӕссын кӕныс, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай, уырдӕм?