10 Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».
Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Алы аз дӕр кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ, ӕфсадау, рӕнхъгай слӕууын кӕнгӕйӕ, Ӕз уыцы бон ракодтон Мысырӕй. Уыцы бон бӕрӕг кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
Дунедарӕг сӕ Мысырӕй цы ӕхсӕв ракодта, уыцы ӕхсӕв сӕм иудадзыг йӕ хъус дардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ израилӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Дунедарӕджы кадӕн бӕрӕг кӕнынц уыцы ӕхсӕв.
Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:
Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.
Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон та райдайы Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Дунедарӕджы кадӕн. Авд боны дӕргъы хӕрут донгонд дзултӕ.