Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:8
20 Iomraidhean Croise  

Левиттӕ, уагфыстмӕ гӕсгӕ, Куадзӕны уӕрыччыты фыд физонӕг кодтой, сӕ уаз хӕйттӕ та сын агтӕ ӕмӕ дурынты сфыхтой ӕмӕ сӕ адӕмыл рӕвдз айуӕрстой.


Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.


Ӕрдӕгфых кӕнӕ йӕ доны фыхӕй ма хӕрут, кусарт-иу ӕнӕхъӕнӕй — ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ, ӕд хуылфыдзаумӕттӕ — арты сӕрмӕ сфизонӕг кӕнут.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Фехъуыстат, донгонд дзултӕ хӕрут авд боны дӕргъы: уыцы бонты уӕ зӕххыл макӕмӕ разынӕд нӕдӕр ӕнхъизӕнджын дзултӕ, нӕдӕр — ӕнхъизӕн.


Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.


Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта хойраджы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи хъахъхъӕныны тыххӕй.


Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».


Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны.


Сфыц ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзара, уым, райсомӕй та дӕ хӕдзармӕ рараст кӕн.


Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат мах ӕмӕ Бардарӕг Йесойы. Уӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, Фарны Уац уӕ зӕрдӕтӕм айстат, Сыгъдӕг Уд цы циндзинад ратты, уыимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan