Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Райсут-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы айсӕрдут, цы хӕдзӕртты йӕ хӕрдзыстут, уыдонӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:7
12 Iomraidhean Croise  

Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны скодта дывӕлдах дуар оливӕ бӕласы хъӕдӕй, Уыдис ын фондзкъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг.


Сымахӕн та уӕ хӕдзӕрттӕ тугӕй нысангонд уыдзысты ӕмӕ, уый фенгӕйӕ, уӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн. Ӕз Мысыры зӕхх ахъаззаг ӕрцӕвдзынӕн, фӕлӕ сымахӕн ӕппындӕр ницы уыдзӕн.


ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».


Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,


Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты уӕлкъӕсӕртыл ӕмӕ уӕ сахары кулдуарыл.


Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan