Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:6
34 Iomraidhean Croise  

Иосиа Йерусалимы Дунедарӕгӕн сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон, ӕмӕ фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕрхастой Куадзӕны нывонд.


Уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Куадзӕн сбӕрӕг кодтой фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон.


Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Алы аз дӕр кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ, ӕфсадау, рӕнхъгай слӕууын кӕнгӕйӕ, Ӕз уыцы бон ракодтон Мысырӕй. Уыцы бон бӕрӕг кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.


Куадзӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕна ӕппӕт Израилы дзыллӕ.


Израилӕгтӕ Елимӕй куы рацыдысты, уӕд, Елим ӕмӕ Синайы ’хсӕн, Син, зӕгъгӕ, цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, уырдӕм бафтыдысты. Уый уыди, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг мӕйы фынддӕсӕм бон.


«Израилӕгты хъуыр-хъуыр фехъуыстон, ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: изӕры хӕрдзыстут дзидза, райсом та уын уӕ фаг уыдзӕн дзул. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уӕ Хуыцау, уый».


Мысырӕй рацыдӕн йе ’ртыккаг мӕйноджы израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ.


Сӕ иу — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.


Изӕрӕй нывондӕн цы уӕрыкк хӕссай, уыимӕ дӕр ӕмбӕлы ӕрбахӕссын ахӕм хойраджы хуын ӕмӕ сӕн — ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Куадзӕн. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу хӕрут донгонд дзултӕ.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Фыццаг бон — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.


Дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕй изӕрмилты скӕнӕд, донгонд гуылтӕ ӕмӕ маст зайӕгхӕлттимӕ бахӕрӕд йӕ Куадзӕны уӕрыкк.


Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй сӕрибар ракурой Вараввӕйӕн, Йесойы та амарын кӕной.


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уынаффӕ рахастой. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Пилаты къухмӕ радтой.


Фӕлӕ алчертӕ адӕмы сардыдтой, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ.


Ӕртыккаг сахат уыди, афтӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.


Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй куырдтой, цӕмӕй та сын ацы хатт дӕр, раздӕр куыд кодта, афтӕ бакӕна.


Уӕд иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ Йӕ Пилатмӕ акодтой.


Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


Израилӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуаты бафӕстиат сты ӕмӕ Куадзӕн скодтой мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрӕй, Йерихоны дӕлвӕзы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan