5 Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, нӕл, афӕдздзыд. Уӕрыччы бӕсты райсӕн ис сӕныкк.
Гыццыл бинонтӕ куы уой ӕмӕ сын уӕрыкк иу хӕрдӕн бирӕ куы уа, уӕд-иу ӕй ӕввахсдӕр сыхагимӕ иумӕ бахӕрӕнт. Цал лӕджы фаг суыдзӕн, уый-иу сбӕрӕг кӕнӕнт.
Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Куырис сисыны бон-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут ӕнӕсахъат фыргуист.
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн;
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
Саулыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыд, Израилы паддзах куы сси, уӕд. Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы.