Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:41
29 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».


Израилӕгтӕн Мысыры цагъарадӕй се ссӕрибарыл цыппарсӕдӕ ӕстай азы куы рацыд, уӕд Соломон йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, Дунедарӕгӕн Кувӕндон аразын райдыдта.


Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.


Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды, афтӕ ауды Дунедарӕг, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдоныл.


Ӕз цин кӕнын, Дунедарӕг мын мӕ дзыназын, мӕ куывд кӕй фехъуыста, ууыл.


Алы аз дӕр кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ, ӕфсадау, рӕнхъгай слӕууын кӕнгӕйӕ, Ӕз уыцы бон ракодтон Мысырӕй. Уыцы бон бӕрӕг кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.


Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.


Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн».


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Аарон ӕмӕ Моисей — уыдон та сты, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕн загъта: «Израилы адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнут — ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕд».


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.


Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.


цӕмӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ зоной, Ӕз израилӕгты Мысыры зӕххӕй куы ракодтон, уӕд сӕ халагъудты кӕй ӕрцӕрын кодтон, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Хуыцау израилӕгты ракодта Мысырӕй, Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау.


Мӕнӕ Моисей ӕмӕ Аароны разамындӕй Мысырӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты балцвӕндӕгтӕ сӕ хӕстон къордтӕм гӕсгӕ.


Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».


Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.


Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.


Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.


Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,


Иу заман сӕм уырдӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны, Мысыры адӕмыл фыдрынтӕ бафтыдтон, цӕмӕй уӕ уырдыгӕй раирвӕзын кӕнон.


Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan