Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Ацы мӕй уын хъуамӕ афӕдзы фыццаг мӕйыл нымад уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:2
14 Iomraidhean Croise  

Мысыры ма куы уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон, уӕд сын Дунедарӕг загъта:


Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.


Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.


Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй.


Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы фыццаг мӕйы фыццаг бон Уаз Цӕрӕн ӕвӕрд ӕрцыд.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Фыццаг мӕйы фыццаг бон галты рӕгъауӕй райс иу ӕнӕсахъат гал ӕмӕ Кувӕндон ссыгъдӕг кӕн.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Куадзӕн. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу хӕрут донгонд дзултӕ.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan