10 Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут».
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.
Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты.
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.
Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы, нывондӕн ӕй куы ӕрхӕссат, уыцы бон, стӕй дыккаг бон. Ӕртыккаг бонмӕ ма дзы цы баззайа, уый арты сыгъд ӕрцӕуӕд.
Бахӕрын ӕй хъӕуы тӕккӕ уыцы бон, райсоммӕ дзы мацы ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Райсоммӕ дзы мацыуал ныууадзӕд ӕмӕ йын йе стджытӕй мацы асӕттӕд: Куадзӕны фӕтк хъуамӕ мацӕмӕй фехала.