Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мысыры ма куы уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон, уӕд сын Дунедарӕг загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 12:1
17 Iomraidhean Croise  

Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».


Израилы дзыллӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны хӕдфӕстӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон.


Бирӕ диссӕгтӕ фенын кодтой фараонӕн Моисей ӕмӕ Аарон, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй уый уӕддӕр нӕ састи ӕмӕ нӕ уагъта израилӕгты Мысырӕй.


Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».


Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.


«Ацы мӕй уын хъуамӕ афӕдзы фыццаг мӕйыл нымад уа.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


«Фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатыр.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Куадзӕн. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу хӕрут донгонд дзултӕ.


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.


«Йӕ афоныл кӕнӕнт израилӕгтӕ Куадзӕн.


Йӕ афоныл ӕй кӕнут, ацы мӕйӕн ӕй йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрмилты, фӕтк ӕмӕ ӕгъдау куыддӕриддӕр домынц, афтӕ скӕнут».


ӕмӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон изӕрмилты скодтой Куадзӕн. Алцыдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.


Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат


Ӕрӕвахс ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хонынц, уый.


Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.


Елиамӕ ӕрцыди Хуыцауы ӕрвыст лӕг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлтӕн, далӕ ма Мысыры фараонӕн цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Мӕхи нӕ раргом кодтон, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan