Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 11:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 11:6
15 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн — нӕдӕр сӕхиуыл, нӕдӕр сӕ фосыл. Уый, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг израилӕгтӕм, мысырӕгтӕй хъауджыдӕр, хъулон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый“.


Уыцы ӕхсӕв фараон, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры адӕм иууылдӕр удаистӕй фестадысты сӕ хуыссӕнтӕй, зӕрдӕхалӕн хъарӕг ӕмӕ судзаджы ӕрдиагӕй байдзаг ис Мысыры бӕстӕ — алы хӕдзары дӕр уыди зиан.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.


Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.


Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы, Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.


Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.


Алы сӕндонӕй дӕр хъуысдзӕн кӕуын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕнты ацӕудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.


Ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс, Авраамы, Исаакы, Йаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы Паддзахады куы фенат, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы расурой, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan