Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 11:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 11:3
14 Iomraidhean Croise  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.


Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни.


Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта.


Моисей сын куыд фӕдзӕхста, Израилы адӕм афтӕ бакодтой — мысырӕгтӕй куырдтой ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс.


Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм хӕлар цӕстӕй ракастысты ӕмӕ сын, цы куырдтой, уый лӕвӕрдтой. Израилӕгтӕ Мысырӕй рацыдысты стыр ӕфтиагимӕ.


Ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй уын мысырӕгтӕ хорз ракӕной — афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут Мысырӕй:


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты ’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар.


Дунедарӕджы фӕндонӕй уый цы ’вдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста Мысыры — фараонӕн, йӕ цагъартӕн ӕмӕ йын йӕ бӕстӕн цытӕ бакодта!


Уыцы бон Дунедарӕг Йешуайы скадджын кодта Израилы адӕмы цӕсты, ӕмӕ, Моисейы куыд нымадтой, афтӕ йӕ нымадтой уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ цард-цӕрӕнбонты.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan