Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Адӕмӕн сӕ хъусы бацӕгъд, алы нӕлгоймаг дӕр уӕ, зӕгъ, йӕ сыхаг мысыраг нӕлгоймагӕй, алы сылгоймаг та йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй, ракурӕд ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 11:2
16 Iomraidhean Croise  

Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.


Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта.


Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;


Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.


Ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй уын мысырӕгтӕ хорз ракӕной — афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут Мысырӕй:


алы сылгоймаг дӕр уӕ йӕ сыхаг мысыраг сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс. Къахӕй къухмӕ сараздзыстут уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты. Стыр ӕфтиагимӕ рацӕудзыстут Мысырӕй».


Ӕз сын загътон, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ уӕ кӕуыл ис, уыдон сӕ рафтауӕнт ӕмӕ сӕ мӕнмӕ раттӕнт, зӕгъгӕ. Радтой мӕм сӕ, арты сӕ баппӕрстон, ӕмӕ сӕ стӕй рауад ацы уӕныг».


Ӕрбацыдысты-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, семӕ-иу ӕрбахастой сӕ зӕрдиаг лӕвӕрттӕ — сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ: фындзцӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ. Уыцы сыгъзӕринтӕ хастой Дунедарӕгӕн.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Ӕвзист дӕр ӕмӕ сыгъзӕрин дӕр Мӕн сты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan