Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 10:6
11 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уын дзы ницы рауайдзӕн. Ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ бакувӕнт Дунедарӕгмӕ. Уый тыххӕй мӕм нӕ хатыдыстут?» Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны феддӕдуар кодтой.


Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ.


Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.


Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй.


Нилы бӕз-бӕз кӕндзысты, донӕй рахиздзысты ӕмӕ дын дӕ галуанмӕ, дӕ уатмӕ бабырдзысты, дӕ сынтӕгмӕ дын схиздзысты. Дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хӕдзӕртты, уӕ пецтӕ ӕмӕ уӕ хыссӕйы арынгты байдзаг уыдзысты.


Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.


Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.


Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.


Базгъордтой сахармӕ, ссыдысты къултыл, хӕдзӕрттӕм бырынц, хуыснӕджытау бахызтысты рудзгуытӕй.


Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan