Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 10:2
22 Iomraidhean Croise  

Стыр дӕ Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Нӕхи хъусӕй куыд фехъуыстам, афтӕмӕй Ды дӕ, ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.


Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.


Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.


Йерусалимы алыварс сӕ туг донау фӕкалди, ныгӕнӕг дӕр сӕ нал уыд.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.


Израилӕгты куы ракӕнон ӕмӕ Мысырыл Мӕ къухы уӕз куы ӕруадзон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый».


Аарон Мысыры дӕттӕм февзыста, галхӕфсытӕ сурмӕ рабырыдысты ӕмӕ Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕрӕмбӕрзтой.


Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у, уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон. Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн, цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи.


сӕ нывӕндтӕй сӕхи фӕчъизи кӕнын — сӕ алы фыццаггуырды арты нывондӕн хӕссын, цӕмӕй сыл бафтауон фыд тас, ӕмӕ базоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Цы фехъусат, уыдӕттӕ-иу радзурут уӕ цотӕн, цот — сӕ зӕнӕджы зӕнӕгӕн, цоты цот та — ног фӕлтӕрӕн.


Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan