Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 10:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Моисей рацыди фараоны галуанӕй ӕмӕ скуывта Дунедарӕгмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 10:18
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ныгуылӕнӕрдыгӕй рауагъта уаддымгӕ. Уаддымгӕ мӕтыхты фелвӕста ӕмӕ сӕ Сырх денджызы баппӕрста. Иу дӕр сӕ нал аззад Мысыры зӕххыл.


Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа.


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Моисей дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз кувдзынӕн дӕу тыххӕй, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, фӕлӕ снысан кӕн, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзӕрттӕ дӕр цы рӕстӕгмӕ хъуамӕ ссыгъдӕг уой, уый. Галхӕфсытӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Нилы».


Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд.


Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.


уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, уе ’фхӕрджыты тыххӕй кувут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan