10 Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат!
Езекиа уӕ ма асайӕд, уӕ фӕндаг уын ма ныссуйтӕ кӕнӕд, ма йыл ӕууӕндут! Иу адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу паддзахады дӕр ахӕм хуыцау никуы уыди, йӕ адӕмы мӕнӕй кӕнӕ мӕ фыдӕлты къухӕй чи фервӕзын кӕна! Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
Фӕлӕ уын дзы ницы рауайдзӕн. Ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ бакувӕнт Дунедарӕгмӕ. Уый тыххӕй мӕм нӕ хатыдыстут?» Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны феддӕдуар кодтой.
Фараон Моисеймӕ басидт ӕмӕ йын афтӕ: «Ацӕут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувут. Уӕ сабитӕ дӕр ацӕуӕнт уемӕ, фӕлӕ уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стуртӕ ам уадзут».
Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной.
Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?