Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уый йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕсут-ма, израилӕгтӕ куыд сбирӕ сты! Хъомысӕй дӕр ныл уӕлахиз кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 1:9
12 Iomraidhean Croise  

Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Ноджы ма сын загъта: «Уынут, куыд бирӕ сты? Ӕмӕ сымах утӕппӕт адӕмӕн сӕ куыстытӕ уадзын кӕнут?»


Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan