8 Уӕдмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах, Йосефы чи нӕ зыдта, ахӕм.
Сӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтой, Хуыцаумӕ нал хъуыстой.
Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.
Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,
Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый.
Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди.
Афтӕ уыди, цалынмӕ, Йосефы хабар чи нӕ зыдта, ӕндӕр ахӕм паддзах бӕстӕйы сӕргъы не ’рлӕууыд, уӕдмӕ.
Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ӕфхӕрдта нын нӕ фыдӕлты; сӕ сабиты сын ӕппарын кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ ӕрцӕуой.
Фӕлӕ нын мысырӕгтӕ хорз нӕ уыдысты, ӕфхӕрдтой нӕ, уӕззаудӕр цы куыст ис, ууыл нӕ ӕфтыдтой.
Уӕды заманты фӕлтӕр иууылдӕр се ’цӕг дунемӕ ацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕстӕ ног фӕлтӕр фӕзынди. Уыдон нӕ зыдтой Дунедарӕджы, стӕй, Израилы адӕмӕн цытӕ сарӕзта, уый.