Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 1:17
22 Iomraidhean Croise  

Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“.


Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.


Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд, ӕмӕ Йоав ӕмӕ иннӕ ӕфсады хицӕуттӕ араст сты Израилы адӕмы сфыссынмӕ.


Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.


Паддзахы дӕлдӕртӕ, галуаны тӕрхонгӕнджытӕ, Мардохейӕн уайдзӕф кодтой, паддзахы бардзырды сӕрты цӕмӕн хизыс, зӕгъгӕ.


Паддзах сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ноггуырд лӕппуты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?»


Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын зӕнӕгӕй амонд радта.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.


Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».


Ссӕст у Ефрем, ӕфхӕрд баййӕфта тӕрхонӕй — гуымирыты фӕдыл адзӕгъӕл ис.


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.


Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнджытӕн бардзырд радта: «Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы сауджынты амарут! Уыдон дӕр Давидимӕ ӕмдзӕхдон сты. Зыдтой, кӕй алыгъди, уый ӕмӕ мын нӕ фехъусын кодтой». Фӕлӕ хъахъхъӕнджыты нӕ фӕндыди Дунедарӕджы сауджынтӕм сӕ къух сисын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan