Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 ӕмӕ сын ноджы карздӕр фыдӕбӕттӕ ӕвзарын кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 1:13
8 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.


фӕлӕ байхъуыста йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕ фыд уыл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕз та уын ӕй ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй.


Ӕмӕ уын кӕд мӕ фыды ӕфсондз уӕззау уыди, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы уӕззаудӕр скӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та — сындзджын ехсытӕй“».


Сӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтой, Хуыцаумӕ нал хъуыстой.


Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.


Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.


Ӕгъатыр хицау сын ма у, дӕ Хуыцауӕй тӕрс.


Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan