1 Мысыры бӕстӕм Йаковимӕ, йӕ иннӕ ном — Израил, ӕрбацыдысты (алчи ӕд бинонтӕ) йӕ фырттӕ:
Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.
Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин.
Йосефы фырттӕ та, Мысыры йын чи райгуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Йаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
Рувим, Симеон, Левий, Иудӕ,
ӕхсӕз номы куыд хистӕрӕй скъах иу дурыл, ӕхсӕз та — иннӕ дурыл.
Мӕнӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты нӕмттӕ. Цӕгатаг арӕныл скӕсӕйнаг арӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм, Стыр денджызы онг, йӕхи айтыгъта Даны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. Ауылты Дамаскы цӕгатаг арӕнӕй цӕуы фӕндаг Хетлонмӕ, Хаматмӕ ӕмӕ Хацар-Энанмӕ.