Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 9:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 9:3
18 Iomraidhean Croise  

Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын.


Аароны байзӕддӕгтӕй хӕдмӕл фыд кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм цӕрӕгойы фыд мачи бахӕрӕд — фӕчъизи уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.


Хойраджы тыххӕй Хуыцауы хъуыддаг ма хал. Алы хойраг дӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ хойраджы тыххӕй искӕй чи фӕкӕлын кӕны, уый ӕвзӕрдзинад аразы.


Чи хӕры, уый ӕнӕввӕрсон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; чи нӕ хӕры, уый тӕрхонгӕнӕг ма уӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта.


Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу.


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Фӕлӕ уын бар ис, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕхы руаджы уӕм цы фос уа, уымӕй, уӕ зӕрдӕ кӕд зӕгъа, уӕд уӕ алы сахары дӕр аргӕвдын. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр.


Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan