Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 9:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 9:20
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ.


Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.


ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».


Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ — зӕххон адӕм иууылдӕр уыдонӕй равзӕрдысты.


Иуахӕмы бануӕзта сӕн, барасыг ис ӕмӕ бӕгънӕгӕй хуыссыди йӕ цатыры.


Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.


Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.


Иу хатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы цурты, ӕнӕзонд адӕймаджы сӕндоны рӕзты.


Ӕхца чи уарзы, уымӕн фаг никуы уыдзысты, хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уымӕн йӕ зыд зӕрдӕ нӕ бафсӕддзӕн. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты!


— Зӕгъ-ма мын, мӕ уарзон, кӕм хизыс дӕ фосы дзуг, кӕм улӕфыс ӕмбисбон йемӕ? Дӕу агурӕг кӕдмӕ зилдзынӕн де ’мбӕлтты рӕгъӕуттыл?


Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?


Кӕд уӕ исчи сӕндон скодта, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕма ӕртыдта, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын ӕндӕр исчи йӕ сӕнӕфсир куы ӕртона.


Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не ’рӕмбырд кӕндзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan