Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 9:15
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


стӕй ма цӕрӕг удӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — науӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ.


Уемӕ аразын фидыд: никуыуал бабын кӕндзынӕн ӕппӕт цӕрӕг удты, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл».


Зӕххы сӕрмӕ-иу ӕврӕгътӕ куы рауадзон ӕмӕ-иу ӕврӕгътыл арвӕрдын куы фӕзына,


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Иудадзыг Дӕ лӕггадгӕнджытыл, зӕрдиагӕй Дын чи кусы, уыдоныл ӕнувыд дӕ. Хъахъхъӕныс, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый ӕмӕ сыл аудыс ӕдзухдӕр.


О нӕ Хуыцау! Стыр, хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, Йӕ Фидыд Чи нӕ рох кӕны, уыцы рӕстаудӕг Хуыцау! Ныр нын фагыл банымай, нӕхӕдӕг, нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ, нӕ пехуымпартӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ Дӕ адӕм иууылдӕр ассириаг паддзӕхты заманӕй абоны онг цы хъизӕмӕрттӕ февзӕрстой, уыдон.


ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды уӕхскбостыл. Уыцы дуртӕ — Израилы фыртты мысынӕн. Аарон сын Дунедарӕджы раз сӕ нӕмттӕ хӕссӕд йӕ дыууӕ уӕхскыл — мысынӕн.


Фӕлӕ нӕ Дӕ номы сӕраппонд ма аппар, Дӕ кадджын паддзахы бадӕн ӕгады бынатмӕ ма ’руадз. Немӕ кӕй сарӕзтай, уыцы фидыд ӕрымыс, ма йӕ фехал.


Фӕлӕ Ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, де ’взонджы бонты демӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕмӕ та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд — мыггагмӕйы фидыд.


Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй.


Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan