Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 8:1
35 Iomraidhean Croise  

Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.


Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.


стӕй ма цӕрӕг удӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — науӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ.


Ӕппӕт уыдӕттӕ мын бахъуыды кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ, мӕ Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы биноныг хъуыддӕгтӕ сарӕзтон, уыдон мын нымад ӕрцӕуӕнт!


Левиттӕн загътон, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ кулдуары раз хъалагъур ӕрлӕууой, сабаты бон уаз куыд уа, афтӕ. Уыдӕттӕ дӕр мын ма ферох кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ мын ныххатыр кӕн Де стыр хорзӕхы фӕрцы!


Ма сын ныббар, мӕ Хуыцау, сауджыны ном цӕсты кӕй бафтыдтой ӕмӕ сауджын ӕмӕ левиты ардбахӕрд кӕй фехӕлдтой, уый!


Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!


Дӕттӕ куы баурома, уӕд бӕстӕ бахус уыдзӕн, куы сӕ рауадза — зӕхх доны бын фӕуыдзӕн.


Тӕхуды, мӕрдтыбӕсты мӕ куы бамбӕхсис, цалынмӕ Дӕ маст ӕрцӕуа ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд ӕмгъуыды фӕстӕ Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууон, уӕдмӕ!


Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой, цагъартӕ сӕ фестын кодтой.


Уыдонӕй иутӕ фӕдзӕгъӕл сты сыгъд быдыры, ӕмӕ ма искуы исты сахар, исты хъӕу ссардзысты, уый сӕ нал уырныдта.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Куыд ӕхсызгон ӕмӕ куыд хорз у — ӕфсымӕртӕ иумӕ фидыдӕй куы фӕцӕрынц!


Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.


«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?


сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад, бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.


Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.


Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.


Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.


Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.


Ӕнӕбын денджызӕн зӕгъын: „Басур у, дӕ уылӕнтӕ дын байсысын кӕндзынӕн“.


Йӕ цӕугӕдӕттӕ бахус уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый у гуымирыты зӕхх! Уыдоны тыххӕй йӕ цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцыд!


Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»


Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»


Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.


О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!


Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис.


Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй.


Бафарста Дунедарӕджы зӕд: «Цӕй тыххӕй фӕнадтай дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты? Уый Ӕз рацыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ бакъуылымпы кӕнон, уымӕн ӕмӕ раст нӕ кӕныс Мӕ разы.


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.


Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan