Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Дунедарӕг дуар сӕхгӕдта Нойы фӕдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Дунедарӕг дуар сӕхгӕдта Нойы фӕдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 7:16
15 Iomraidhean Croise  

Цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты Ноймӕ ӕмӕ къайгай бахызтысты наумӕ.


Зӕххыл доныхъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сбирӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа нау.


Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Нойы наумӕ бахызтысты къӕйттӕ, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн, ахӕстоны кӕй бакӕна, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн.


Ӕрӕмдзӕгъд кӕнут, ӕппӕт адӕмтӕ, цины хъӕртӕй сыстаут Хуыцауы!


Уӕд ӕдасӕй дӕ фӕндагыл ацӕудзынӕ ӕмӕ нӕ фӕкӕлдзынӕ,


Фӕлӕ куыддӕр ӕлхӕнынмӕ ацыдысты, афтӕ сиахсаг ӕрбахӕццӕ ис, ӕмӕ цӕттӕ цы чызджытӕ уыдысты, уыдон йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыди.


Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.


Ӕнусон Хуыцау — де ’мбӕхсӕн, Йе ’нусон ӕрмтты дӕ хӕссы. Фӕсурдзӕни дын де знӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“


Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan