Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 ӕмӕ зӕхмӕ калди тыгъдызӕй — дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 ӕмӕ зӕхмӕ калди тыгъдызӕй — дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 7:12
10 Iomraidhean Croise  

Зӕххыл доныхъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сбирӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа нау.


Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».


Ӕхгӕд ӕрцыдысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тыгъдызӕй банцади.


Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ.


Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.


Хохы сӕр та кӕддӕрау дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон ӕмӕ та мын ацы хатт дӕр айста мӕ куывд Дунедарӕг — нӕ Йӕ бафӕндыд уӕ фесафын.


Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.


Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй.


Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan