Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 7:11
27 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сфӕлдыста ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕджы бынмӕ цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй.


Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


Зӕххыл доныхъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы.


Дыккаг мӕйы авд ӕмӕ ссӕдзӕм бонмӕ зӕхх бахус ис.


Ӕхгӕд ӕрцыдысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тыгъдызӕй банцади.


уӕд ын ацы фӕсдзӕуин ахӕм дзуапп радта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид, уӕд дӕр уымӕн уӕвӕн куыд ис?» Ӕмӕ йын Елисей загъта: «Уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Дӕттӕ куы баурома, уӕд бӕстӕ бахус уыдзӕн, куы сӕ рауадза — зӕхх доны бын фӕуыдзӕн.


Ӕрзӕткъахӕн скӕнынц, адӕймаджы къах кӕм не ’рлӕууыди, ахӕм рӕтты, фӕндаггӕттӕй — рох, ӕрцауындзӕг вӕййынц, дзедзырой кӕнынц, адӕмӕй дард сты.


Денджызы гуырӕнмӕ искуы бафтыдтӕ, йӕ тарф ын искуы басгӕрстай?


Уый бӕрц куырыхон чи у, цӕмӕй мигътӕ банымайа кӕнӕ уӕларвон мигӕнӕнтӕ фӕкъул кӕна,


Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.


Йӕ уӕлзондӕй байгом вӕййынц ӕнӕбын ӕрфытӕ, ӕврӕгътӕй ӕрлӕдӕрсы ӕртӕх.


Ӕвирхъау тасы хъӕр фехъусгӕйӕ, лидзынмӕ чи фӕуа, уый ныххаудзӕни хъоргъы, хъоргъӕй чи сбыра, уый та бахаудзӕн ахсӕн хызы. Арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты, зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты.


Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Уый куы фӕзӕгъы, уӕд рауары къӕвда, зӕххы кӕрӕттӕй ӕрбамбырд кӕны мигътӕ. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Йӕ фӕндонӕй ферттивы арв, Йе ’мбӕхсӕнтӕй рауадзы дымгӕ.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕдзӕрӕг сахартау дӕ куы сафтид кӕнон, денджыз дыл куы ныххуырсон ӕмӕ дӕ йӕ бирӕ уылӕнтӕ сӕ быны куы фӕкӕной,


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan