Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 50:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 50:9
10 Iomraidhean Croise  

Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.


уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.


Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.


стӕй Йосефы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос.


Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ӕрбакӕнай, уӕд дӕр.


Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ.


Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.


Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хорз тохуӕрдоны, уӕрдӕттыл — фӕлтӕрдджын хӕстонтӕ — Мысыры ӕппӕт уӕрдонӕфсад.


Куыд рӕсугъд сты фӕлындӕнты бын дӕ рустӕ, фӕрдгуыты бын дӕ дӕллагхъуыр куыд аив у!


Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan