Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 50:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 50:23
11 Iomraidhean Croise  

Ууыл ын Рахел загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн».


Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».


Йӕ цӕстытӕ уымӕн сты сау сӕнӕй саудӕр, йӕ дӕндӕгтӕ уымӕн ӕхсырӕй сты урсдӕр.


Афтӕ Йосеф йӕ фыды ӕппӕт мыггагимӕ ӕрцарди Мысыры. Фӕцарди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы.


Менассиайы байзӕддӕгтӕ: йӕ арамейаг номылусӕй рацыди фырт Асриел, ноджы — Махир, Галаады фыд.


Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.


Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны, уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы, афтӕмӕй бахус вӕййы.


Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.


Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ.


Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой.


Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan