Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 50:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 50:20
15 Iomraidhean Croise  

Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни?


Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаелӕгтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл,


Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.


Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн.


Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн. Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ, се ’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».


Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan