Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 50:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 50:18
8 Iomraidhean Croise  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосеф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.


Йосефӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Йосеф куыдта.


Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan