Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 50:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 50:10
16 Iomraidhean Croise  

Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».


Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысырӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим, ис Иорданы фале.


Дыууиссӕдз боны дӕргъы йыл архайдтой — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.


Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Йосеф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут:


Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.


Давид Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаныл скодта ацы хъарӕг,


Уриайы ус фехъуыста, йӕ мой кӕй фӕмард, уый ӕмӕ йыл фӕкуыдта.


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй фӕдисы ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ Иавешмӕ ӕрбахастой. Се стджытӕ сын Иавешмӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.


Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты. Иу ныхас дӕр сӕ ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йын йе стыр хъизӕмар уыдтой.


Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.


Марды буарыл чи бандзӕва, уый авд боны дӕргъы уыдзӕни чъизи.


Дзыллӕ Аароны марды хабар фехъуыстой, ӕппӕт израилӕгтӕ йыл дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы фӕкуыдтой.


Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.


Мӕнӕ, Моисей ӕппӕт израилӕгтӕн Иорданы фале, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры, Суфмӕ ӕввахс, Паран, Тофел, Лаван, Хацерот ӕмӕ Ди-Захавы астӕу цы загъта, уый.


Дӕс ӕмӕ ссӕдз боны сау фӕдардтой израилӕгтӕ Моисейыл: фӕкуыдтой ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Моавы дӕлвӕзы.


се стджытӕ та сын Иавешмӕ ӕввахс тамариск бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan