Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 5:5
21 Iomraidhean Croise  

Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Ӕдӕппӕтӕй та Енош фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы.


Шеты райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Шетыл сӕдӕ фондз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Енош.


Ӕдӕппӕтӕй та Шет фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы.


Мӕлӕтӕй нын алидзӕн нӕй. Зӕхмӕ цы дон ӕркӕлы, уымӕн фӕстӕмӕ сисӕн нал ис. Хуыцауы искӕй уд фесафын нӕ фӕнды, хъодыгондыл дӕр Йӕхи куыннӕ атигъ кӕна, ууыл мӕт кӕны.


Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.


Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил.


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хъусут Ӕм ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ ма ивут, уымӕн ӕмӕ Уымӕй аразгӕ у уӕ цард, уӕ цӕрӕнбон, Дунедарӕг нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы бӕстӕ раттыныл басомы кодта, уым».


Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan