Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 5:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 5:29
17 Iomraidhean Croise  

Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы цыд, уӕд ын райгуырди фырт,


Нойы райгуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон.


Ной куы ӕрӕрвонг ис, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакуыста, уый,


Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыдоны ’хсӕн Ной, Даниил ӕмӕ Иов нӕдӕр сӕ фыртты фервӕзын кодтаиккой, нӕдӕр сӕ чызджыты. Сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕ удтӕ.


Фӕлӕ Нойы заман куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.


Каинан, Арфахсад, Сим, Ной, Ламех,


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бацайдагъ ис ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд: ныфс Ӕй уыди,


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй — аст адӕймаджы — фервӕзтысты доны фӕрцы.


рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan