Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 5:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

24 Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 5:24
19 Iomraidhean Croise  

Уый мын загъта: „Йӕ коммӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус.


йе ’фсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын афтӕ: «Лӕппу уым куынӕуал ис, уӕд цы кӕнон? Цы ма фӕуон?»


Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»


Мефушалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы.


Мефушалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Ламех.


Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.


Ӕрӕввахс ис, Дунедарӕг Илийайы уаддымгӕйы мидӕг уӕларвмӕ куы систа, уыцы бон. Ӕмӕ иуахӕмы Илийа рацыди Гилгалӕй, Елисей дӕр йемӕ.


Уый йын загъта: «Зын саразӕн у, цы мӕ курыс, уый. Дунедарӕг мӕ дӕ цурӕй куыд айсдзӕн, уый куы фенай, уӕд хорз, науӕд дзы ницы рауайдзӕн».


Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы ’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд.


Елисей йӕм, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ, ныхъхъӕр кодта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды дӕ Израилы уӕрдон ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг». Илийайы куынӕуал уыдта, уӕд йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ арӕдывта фӕйнӕрдӕм.


Дӕ зыны сахат Мӕ ӕрцагур: Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ ды скадджын кӕндзынӕ».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


«Рамайӕ хъуысы ӕрдиаг, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг, — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы ӕмӕ йын басабыры амал нӕй, уымӕн ӕмӕ йын нал сты».


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе ’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan