Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 5:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 5:1
15 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзарвӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.


Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ. Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста,


Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.


Ӕвзонджы бонтӕй ма рох кӕн, Сфӕлдисӕгимӕ дӕ сӕмбӕлын кӕй хъӕуы, уый, науӕд фидӕны фӕсмон кӕндзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: «Бафӕлладтӕн цардӕй!»


Иу хъуыддаг бамбӕрстон: Хуыцау адӕймаджы хуымӕтӕгӕй сфӕлдыста, фӕлӕ адӕм алцыдӕр райдыдтой сӕхи барӕнтӕй барын.


Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


Нӕлгоймаг бӕгъӕмсар хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй кадджын у; сылгоймаджы кад та нӕлгоймагӕй у.


Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.


ӕмӕ суат, Хуыцауы сконды хуызӕн чи у, ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ рӕстӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй чи цӕры, ахӕм ног адӕймӕгтӕ.


ӕмӕ систут ног адӕймӕгтӕ. Хуыцау уӕ кӕны ногӕй-ногдӕр, цӕмӕй Йӕ базонат ӕмӕ суат уе Сфӕлдисӕджы хуызӕн.


Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс


Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan