Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 49:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

33 Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 49:33
22 Iomraidhean Croise  

Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».


Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.


Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.


Уыцы быдыр ӕд лӕгӕт хеттӕгтӕй ӕлхӕд у».


Йосеф ныддӕлгом ис йӕ фыдыл ӕмӕ йын, цӕссыг згъалгӕйӕ, фӕбатӕ кодта.


Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»


Елисей амарди, ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой. Иннӕ аз Израилмӕ ӕрбалӕбурдтой моавӕгты ӕрдонгтӕ.


Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.


Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.


Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


«Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ:


Йаков ӕрбацыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.


Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йосеф, куы марди, уӕд дзырдта израилӕгты Мысырӕй рацыды тыххӕй ӕмӕ сын фӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ уым ма ныууадзой.


уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan